ВКЛ / ВЫКЛ: ИЗОБРАЖЕНИЯ: ШРИФТ: A A A ФОН: Ц Ц Ц Ц
Алагирский муниципальный район
                       Республика                      Северная Осетия-Алания
РСО-Алания, Алагирский район, г.Алагир, ул.С.Кодоева, 45
   +7 (867 31) 3-14-03                             
ams@alagir.alania.gov.ru

Алагирский муниципальный район

                       Республика                      Северная Осетия-Алания
МЕНЮ

Телефоны «горячих линий»: Приемная главы +7(86731)3-14-03, отдел ИКиМЗ +7(86731)3-13-20, ЕДДС-112 +7(86731)3-31-88,+7(86731)3-32-77.

Ирыстоны кадджын цæрджытæ, мæ зынаргъ æмзæххонтæ!

 Зæрдиаг арфæ уын кæнын Хетæджы Уастырджийы боны фæдыл!

 Кæддæр ацы бæрæгбон кодтой Ирыстоны хицæн кæмтты цæрджытæ, кад æмæ радимæ куывтой дзуармæ, рæсугъдæй æххæст кодтой фыдæлтыккон æгъдау. Фæлæ рæстæг цæуы æмæ йемæ фарн хæссы. Ныр Тымбылхъæды дзуар у, Цæгат æмæ Хуссар Иры, стæй, нæ бæстæйы иннæ бынæттæ æмæ фæсарæнты алы кæрæтты чи цæры, уыцы ирон адæмы иугæнæг бæрæгбон.

 Дунесфæлдисæджы фæндæй Куырттаты комы алæмæты æрдзы хъæбысы равзæрд табуйаг фæдзæхст бынат – Хетæджы Уастырджийы къох. Куыд иннæ хæттыты, афтæ та ныр дæр дзуары бынмæ æрбамбырд уыдзысты бирæ дзыллæтæ, сæ бинонтæ æмæ хиуæтты бафæдзæхсдзысты Хуыцау, Хетæджы Уастырджи æмæ иннæ сыгъдæг зæдтыл.

 Фыдæй-фыртмæ Хетæджы Уастырджийы зонæм, нæ адæмы иудзинадыл хорзырдæм чи ахады, фæрныгдæр фидæнмæ фæндагыл нын ныфс чи дæтты, ахæм æргом дзуарæй. Æмæ уæдæ Дунейы фарн зæгъæд, цæмæй нæ алкæй зæрдæйы дæр уа ацы бæрæгбоныл рухс æнкъарæнтæ, сыгъдæг зæрдæ æмæ удвæллой бæркадимæ сæмбæлыны хъомыс.

 Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ! Уе ’ппæты дæр Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæд! Дзуар уын хæссæд æнæниздзинад, бæркад æмæ фарн! Хетæджы Уастырджийы бон Ирыстоныл афæдзæй-афæдзмæ рæсугъддæрæй куыд цæуа, ахæм амонд нæ уæд!

Сергей МЕНЯЙЛО, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг

 

© 2024. Все права защищены.